Санитарон уагдон фехъусын кодта улӕфт бонты тестты фӕстиуджытӕ коронавирусы фӕдыл

Югосетпотребнадзоры лабораторийы цы басгӕрсттӕ ауагътой ивгъуыд улӕфт бонты, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд улӕфт бонты нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Коронавирусӕй фӕстаг рынчынты рабӕрӕг кодтой иу мӕйӕ фылдӕры размӕ. Пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 89 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдон иууылдӕр сӕнӕниз сты.

"Улӕфт бонты ауагътам 65 тесты. Уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 241 адӕймаджы, сӕ нымӕцы 23 аразӕджы, кӕцыты уый размӕ фӕхуыдтой республикӕмӕ.

17 ног рынчыны: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

Югосетпотребнадзоры лабораторийы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 4500 тесты.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ног рынчынты нӕ бӕрӕг кӕнынц 16 июлӕй фӕстӕмӕ. Фӕстаг рынчыны рафыстой инфекцион хайадӕй 10 августы.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.