Хуссар Иры президент радта паддзахадон хорзӕхтӕ Банымады боны цытӕн

Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ республикӕйы алыгъуызон фадгуыты минӕвӕрттӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 авг - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны цӕрджыты республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны 12-ӕм афӕдзы боны цытӕн. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд бӕрӕгбоны размӕ бон, кӕцы нысан кӕнынц ӕртыццӕджы, 26 августы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Алчидӕр уӕ бахаста йӕ хайбавӕрд хӕдбар паддзахады арӕзтадмӕ. Ӕз уын дзурын бузныг цӕсгомджын куысты тыххӕй адӕмы хӕрзӕбонӕн. Уадз ӕмӕ уӕ куыст дарддӕр дӕр размӕ кӕна нӕ Фыдыбӕстӕ", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Афтӕ ма президент загъта бузныг Уӕрӕсейы къухдариуӕгадӕн республикӕйы адӕмы хъысмӕты хайадисты тыххӕй.

Мӕскуыйы сарӕзтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕхты кавалерты клуб

"Уый уыд тынг ахсджиаг къахдзӕф, ӕмӕ уый фӕдыл Хуссар Ирыстоны адӕм алыхатт дӕр уыдзысты бузныг Уӕрӕсе ӕмӕ йӕ къухдариуӕгадӕн, - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта гимнази "Альбион"-ы физикон культурӕйы ахуыргӕнӕг Джабиты Роланды Хӕларады Орденӕй фӕсивӕды хъомыладмӕ стыр хайабавӕрд бахӕссыны тыххӕй ӕмӕ йыл 80 азы кӕй сӕххӕст, уый фӕдыл. Газет "Республика"-йы сӕйраг редакторы хӕдивӕг Икъаты Олегӕн бирӕазон пайдаджын куысты тыххӕй журналистикӕйы фадыджы президенты барамындӕй радтой каддджын ном "Республикӕ Хуссар Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг".

Афтӕ ма ӕхсӕнады кӕцыдӕр минӕвӕртты схорзӕхджын кодтой грамотатӕ ӕмӕ майдантӕй "Хуссар Ирыстоны адӕмы Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 10 азы сӕххӕст цытӕн" ӕмӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстон расидыныл 25 азы сӕххӕсты цытӕн".

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы куырдиатмӕ гӕсгӕ Бибылты Анатолий радта хорзӕх Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Тадтаты Фатимӕйӕн – уымӕн радтой кадджын ном "РЦИ-Аланийы Адӕмон артист".