Хуссар Ир райста COVID-19-æн сæдæ тест-системæйы

Уый хыгъд республикæмæ уыдзæн коронавирус рабӕрӕг кӕнынӕн 12 мин иртасæн æрмæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон райста 100 тест-системӕйы коронавирус рабӕрӕг кӕнынӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзор" самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ

Уымӕй размӕ Хуссар Ирыстон райста 50 тесты.

"Роспотребнадзор нын радон хатт рахицӕн кодта 100 тест-системӕйы. Сӕ фыццаг хай райстам, ӕххӕст партимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ацы къуыри. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ нӕм нӕй проблемӕ хардзы ӕрмӕгӕй",- загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг рӕстӕджы ӕппынӕдзух ӕххуыс исынц уӕрӕсейаг коллегатӕй.

Югосетпотребнадзоры лабораторийы пандемийы рӕстӕджы сарӕзтой 4500 тесты.