ЦХИНВАЛ, 31 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады уæнгты хæстæ æххæстгæнджытæ бахастой ивындзинæдтæ хицауады уагæвæрд "О совершенствовании системы управления сферой здравоохранения РЮО" – мæ, хъусын кæны органы пресс-службæ.
Суагъæйы нысан цæуы, "2020 азы 1 ноябрæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министрады дæлбар конд цæуынц районты централон рынчындæттæ, амбулаторитæ, медикон-санитарон хайтæ æмæ фельдшерон-акушерон пункттæ, æндæр уагдæттæ, кæцытæ хауынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыгмæ. Уыимæ иумæ ивд не ʻрцæудзæн сæ штатон нымæц æмæ бахъахъхъæд рцæудзæн сæ исад".
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæджы хæдивæг Цоциты Аллæйы ныхæстæм гæсгæ, уый хорзæрдæм бандавдзæн уагдоны куыстыл.