Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ивгъуыд суткӕйы коронавирусы фӕдыл бӕрӕггӕнӕнтӕ

Хуссар Ирыстоны мӕйӕ фылдӕр нӕ уыд коронавирусӕй ног рынчынтӕ, абоны бон медикты хъусдарды бын ис иу сывӕллон COVID-19 диагнозимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ис иу пациент коронавирусы диагнозимӕ, кӕцы хоскӕнынад цӕуы инфекцион рынчындоны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Ир райста COVID-19-æн сæдæ тест-системæйы

Уый бафтыдта, иумӕйагӕй карантины кӕй сты 262 ӕмбӕстаджы.

"Дохтырты хъусдарды бын сты карантины уӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕ. Иу рынчын ис стационары инфекцион рынчындоны", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 90 фӕрынчынуӕвӕджы. Пандемийы райдайӕнӕй ауагътой 4921 тесты, фӕстаг 115 басгӕрсты ауагътой 30 августы – уыдонӕй иу равдыста ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.