ХИПУ студентты нымӕц фӕфылдӕр: университеты фехъусын кодтой иууыл популярондӕр факультеттӕ

Фыццагкурсонты иумӕйаг нымӕц у 696. Уыимӕ иумӕ, 166 адӕймаджы бацыдысты университетмӕ дыккаг уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмӕ ацы аз бацыд 800 студентӕй фылдӕр, фехъусын кодтой Sputnik ахуыргӕнӕндоны.

Боны хайадмӕ студентты истой 13 дӕсниадмӕ.

"Райстам 274 студенты. Фӕсивӕд фылдӕр бӕрцӕй ӕвзӕрстой юриспруденци, экономикӕ, сӕудӕджерад ӕмӕ граждайнаг арӕзтад ӕмӕ психологи", - загътой ХИПУ-йы.

Университеты банысан кодтой, студентты нымӕц аз кӕй у фылдӕр фарон азмӕ абаргӕйӕ.

Хуссар Иры Ахуырады министрады радзырдтой, кӕд райдайдзӕн ног ахуырадон аз

"2019 азы фыццагкурсонты нымӕц уыд 207. Скъолаты рауагъдонты нымӕц къаддӕр у фарон азмӕ абаргӕйӕ, фӕлӕ ХИПУ студентты нымӕц фылдӕр кӕны. Фӕсаууон хайадмӕ бацыдысты 422 студенты. Боны хайадимӕ иумӕ ацы аз фыццагкурснты нымӕц у 862 адӕймаджы. Фарон университетмӕ бацыдысты 639 адӕймаджы", - фехъусын кодтой ХИПУ-йы.

Дыккаг уӕлдӕр ахуырад райсыны фӕдыл университетмӕ бацыдысты 166 студенты – уыдон райдыдтой ахуыр кӕнын ӕртыккаг курсыл.

Ахуырады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы скъолатӕм та 5 сентябры бацӕудзысты 663 скъоладзауы.