Ахуыры райдайæныл æмбæлæм цингæнгæйæ – Гаглойты Элиса

Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ахуырадон процессы тыххæй
Sputnik
Ахуыры райдайæныл æмбæлæм цингæнгæйæ – Гаглойты Элиса

Хуссар Ирыстоны ахуыры аз райдыдта, æмæ йыл иууылдæр æмбæлынц цингæнгæйæ, банысан кодта ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Министры хæдивæг куыд загъта, уымæ гæсгæ карантинон мадзæлттæ рабæрæг кодтой ахуырадæн цы стыр нысаниуæг ис, уый.

"Дистанцион ахуыры рæстæджы бирæ фесæфтам. Цасфæнды дæр ма дзурæм, уæддæр махæн куыд гæнæн уыд уыцы уавæрты, афтæ архайдтам, цæмæй ахуыры аз кæронмæ бакодтаиккам", - загъта Элиса.

Министры хæдивæг ма банысан кодта, ахуыргæнджытæн сæ фылдæр нымæц кæй бакуыстой зæрдæргъæвдæй, фæлæ ныр та дарддæр хъæуы хъуыды кæнын ног ахуыры азыл хаттдзæгтæ аразгæйæ.

Афтæ ма уый бафиппайдта, ахуыргæнæгыл кæй ис стыр бæрн, цæмæй цымыдисон уа ахуыргæнинæгтæн.

Гаглойты Элиса лæмбынæг радзырдта ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты ахастытыл дæр.

Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.