Югосетпотребнадзор радзырдта коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдон иууылдӕр сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны карантины сты 60 ӕмбӕстаджы, инфекцион рынчындонӕй рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 5 сентябры ауагътой 89 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдон иууылдӕр радтой ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ.

"Инфекцион рынчындонӕй ивгъуыд къуыри рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны. Республикӕйы медицинон уагдӕтты дохтырты хъусдарды бын сты ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейӕ", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Иумӕйагӕй пандемийы райдайӕнӕй Хуссар Ирыстоны ауагътой 5117 басгӕрсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Хуссар Ирыстоны дарддӕр ис ӕнӕмӕнг карантин ӕрцӕуӕггӕгтӕн. Изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.