ХИПУ-йы ацыд "Уæлахизы диктант"

Ахуырадон уагдоны ацыд диктант, хæслæвæрд ныффыстой 40 адæймаджы бæрц, сæ нæмæцы фыццагкурсонтæ дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Дыццæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд Россотрудничествойы хъæппæрисæй "Уӕлахизы диктант".

"Цалдæр хатт нæм ацыд диктанттæ уырыссаг æвзаг æмæ географийæ. Мах радтæм фæзуат, мадзал та ауадзы Россотрудничество",  - загъта Sputnik ХИПУ-йы кусæг Джиоты Циала.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æдæппæтæй диктант ныффыстой 40 адæймаджы бæрц, сæ нæмæцы фыццагкурсонтæ дæр.

"Акци ацыд æнтыстджынæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдзæн йын хорз хатдзæгтæ", - бафтыдта уый.

"Уӕлахизы диктант" нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цаутӕн.