ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд номдзыд ирон композитор, Ирыстоны гимны музыкӕйы автор Ӕлборты Шалвайы фырт Феликсы мысӕн изӕр "Чарующий музыкальный мир Феликса Алборова". 8 сентябры уый сӕмбӕлдаид йӕ 85 азы юбилейыл.
Ӕрӕмбырдуджытӕ дзырдтой сӕ мысиннӕгты Ӕлборты Феликсӕн йӕ куысты тыххӕй ансамбль "Симд"-ы, йӕ музыкалон уацтӕ куыд фыст цыдысты, куыд самал кодта орган Цхинвалӕн, куыд радта ном ансамбль "Симд"ӕн, куыд ӕмбаргӕ педагог уыд ӕмӕ фӕлмӕн гоймаг. Оркестр"Айзӕлд"-ы ӕххӕстӕй хъуыстысты йӕ ӕнӕмӕлгӕ мелодитӕ, уӕрӕх экраныл ӕвдыст цыдысты Ӕлборты Феликсӕн нывод кинонывӕй кадртӕ.
Мадзал бакодта культурӕйы министр Зассеты Жанна.
"Махӕн нӕ бон у сӕрыстрӕй зӕгъӕм, уый цард иу рӕстӕг махимӕ. Абон уый сӕрӕгас у нӕ цуры - раныхасты, уымӕн нывонд фильмты кадрты ӕмӕ йӕ ӕнӕмӕлгӕ музыкӕйы. Кӕддӕр мын Плиты Инал ӕнхъардта ӕндӕр бӕстӕты бафӕзмынын ӕмӕ бакӕнын чысыл уӕлфыст "Ам райгуырд ӕмӕ ӕнустӕм цӕры..." йӕ уынгыл. Абон фӕсмон кӕнын кӕй нӕ бантыст саразын" ,- загъта уый.
Зассеты Жанна ма банысан кодта, уыдон кӕй фӕнд кӕнынц "Симд"-ы коллективимӕ саразын уымӕн нывонд изӕр фӕстӕдӕр.
Мадзалы рӕстӕджы цыбыр афӕлгӕсттӕ сарӕзтой йӕ цардвӕндагыл. Сӕ нымӕцы ахуыр Цхинвал ӕмӕ Тбилисы, музыкалон скъола куыст, ахуыргӕнӕндоны бындурӕврӕд, кӕцы абон хӕссы йӕ ном, ансамбль Симд"- ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ сӕйраг дирижерӕй куыст, кӕцы уый ракодта ног, хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ - йӕ рӕстӕджы уый ансамбль ӕрзылд дӕсбонон гастрольтимӕ Мӕскуыйыл, уый радта бӕстӕйы кафт ӕмӕ зарды сӕйраг коллективӕн ном дӕр. Сӕ раныхасты ма дзырдтой 1990 азы уый кӕй ацыд Дзӕуджыхъӕумӕ.
"Цардӕй ма аззад муртӕ, кӕнинӕгтӕ та ис бирӕ" , - афтӕ йӕ рӕстӕджы ӕмбарын кодта йӕ ацыд цӕгатмӕ Ӕлборты Феликс.
Телефоны бастдзинады руаджы Мӕскуыйӕ йӕ ӕмкъласон ӕмӕ ӕмгары тыххӕй радзырдта Хуссар Ирыстоны автономон областы фыццаг нымӕрдар Санахъотӕ Феликс. Уый йӕ мысингты дзырдта куыд сӕм бахауд фыццаг фӕндыр ӕмӕ куыд самал кодтой Хуссар Ирыстонӕн орган. Культурӕйы министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, абон Санахъоты Феликс ногӕй архайы, цӕмӕй Хуссар Ирыстонӕн самал кӕна орган. Зӕронд музыкалон инструмент парламенты бӕстыхайимӕ иумӕ фӕнык фестад 2008 азы хӕсты рӕстджы.
Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны директор Гӕджиты Жанна та сарӕзта чысыл афӕлгӕст йӕ музыкалон бынтыл.
"Уый гениалон у йӕ музыкайӕ, фӕлӕ канд умӕй нӕ. Уый ӕмбырд кодта адӕмон сфӕлдыстадон, уыд хорз рацаразӕг - абон йӕ схуыдтаиккой дӕсны аранжировщик. У лирик музыкӕйы, уый йӕ уацты радӕтты ирон адӕмы ӕппӕт ахорӕнтӕ",- загъта Гӕджиты Жанна.
Мадзалы хайадисджытӕ дзырдтой куыд базонгӕ сты фыццаг хатт Ӕлборты Феликсимӕ, куыд разӕнгард кодта мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынмӕ, куыд цӕттӕ кодта варенье ӕмӕ куыд бахъуыды кодтой хуымӕтӕг генийы адӕм.