Президент Хуссар Иры финансисттæн: уæ профессионализм у фæзминаг

Дыццæджы финансон органты кусджытæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Уыцы боны цытæн сын раарфæ кодта республикæйы разамонæг Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Финансон фадыджы кæдфæндыдæр куыстой бæрзонд квалификацийы специалисттæ, кæцыты хицæн кодта сæ куыстмæ бæрнон ахаст. Уый тыххæй дзырд цæуы президент Бибылты Анатолий арфæйы телы финансисты боны фæдыл.

Дыццæджы сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæтæ исынц экономикон архайдмæ ахаст чи дары, уыдон.

"Уæ профессионализм фæзминаг. Уæ æнтыстджын куыстимæ комкоммæ баст сты вазыгджын паддзахадон фарстытæ, кæцытæ хауынц Хуссар Ирыстоны стабилон экономикон райрæзтмæ æмæ иумæйагæй сисгæйæ алкæцы цæрæджы цард æмæ уавæртæм", - хъусын кæны паддзахады разамонæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Бибылты Анатолий снысан кодта финансты министры

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ахадгæ у финансистты хайбавæрд паддзахадон бюджеты рæзтмæ.

"Бузныг уæ дæн. Уырны мæ, дарддæр дæр уæ профессионалон хæстæм ахæм бæрнон ахаст кæй дардзыстут", - дзырдæуы йæ арфæйы тексты.

Паддзахады разамонæг финасон фадыджы кусджытæн загъта фидар æнæниздзинад æмæ куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.