Цӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ

Трагеди ӕрцыд Рахизфарс районы, Беслӕн – Дзӕуджыхъӕу фӕндаджы ӕвдӕм километрыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн амард 26-аздзыд чызг, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) информацимӕ гӕсгӕ, трагеди ӕрцыд Рахизфарс районы, Беслӕн – Дзӕуджыхъӕу фӕндаджы ӕвдӕм километрыл.

"ЛАДА Калина хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд бӕласыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, ФТЦ фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн кӕй ӕрбаздахтой цыппар кусӕджы ӕмӕ техникӕйы иу иуӕджы.