ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ æркæсдзæн Дзабиты Иналы бинойнаг Соттиты Оксанайы куырдиатмæ, уый домы, цæмæй аиуварс кæной уæрæсейаг судмедэксперты хъуыддаджы фæдыл экспертизайæ.
Прокуратурæ куырдиат райста 10 сентябры, хъусын кæны уагдон йæ офицалон фарс Instagram- ы.
"Йæ куырдиаты Соттиты Оксана нысан кæны йæ дызæрдыгдзинад уæрæсейаг хуынд специалист Сергей Груздевы объективон куысты фæдыл æмæ хаты уый хъуыддагæй аиуварс кæнын. Генералон прокуратурæ хъусын кæны, куырдиатæн закъонон æмгъуыды лæвæрд кæй æрцæудзæн дзуапп æмæ йын эксперт Зæгъойты Зæринæйы цур бамбарын кæндзысты уæрæсейаг эксперты цæмæн бахъуыд фæхонын консультанты хуызы", - банысан кодтой прокуратурæйы
Уыимæ иумæ, уагдоны баныфсæвæрдтой, Дзабиты Иналы бинойнагæн фенын кæндзысты эксперт хатдзæг кæй нæ сараздзæн, уый фæдыл документ æмæ уæлæмхас ахуырты фæдыл документаци.
Сергей Груздев куысы тæрхондонон-медицинон экспертæй 1995 азæй, у медицинон зонæдты кандидат.