Хуссар Ирӕн уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл бадзырд бахызт йӕ тыхы

Электрондыхы хахх технологон ӕрбаиу кӕныны фӕдыл документ сфидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны энергосистемӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хицӕуӕдты хсӕн бадзырд Ручъы тоннелы уылты электрондыхы хахх технологон ӕрбаиу кӕныны фӕдыл бахызт йӕ тыхы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Мӕскуыйы бафыстой барамынд уӕлӕмхасӕн электрондыхы хаххы фӕдыл Хуссар Ирӕн

Документ бафыстой 2 сентябры Мӕскуыйы РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ УФ энергетикӕйы министры хӕдивӕг Евгений Грабчак, фехъусын кодтой республикӕйы дипминӕварады пресс-службӕйы. Уӕлӕмхасӕн электрондыхы хахх сфидар кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны энергосистемӕ.

"Бадзырды бафыст уыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны профилон уагдӕтты пайдаджын куысты фӕстиуӕг ацы зын фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн барадон базӕ саразыны фӕдыл, кӕцыйы инициатор уыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгады ӕмархайдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.