Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы

Турнир уыдзӕн уӕрӕсейаг командӕмӕ бахизыны ӕвзӕрстыты этаптӕй сӕ иу Сербийы декабры дунейы чемпинаты хайад райсыны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны РИА Новости.

Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы чемпионаты

Турнир уыдзӕн уӕрӕсейаг командӕмӕ бахизыны ӕвзӕрстыты этаптӕй сӕ иу Сербийы декабры дунейы чемпинаты хайад райсыны фӕдыл.

"Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй нӕлгоймӕгты хсӕн ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы. Мах нывӕндӕм ауадзын Уӕрӕсейы Кубок греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Уфайы 8-11 декабры. Уӕрӕсейы чемпионат та уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн йӕ фӕстӕ", - хъусын кӕны агентад Уӕрӕсейы Спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы президент Михаил Мамиашвилийы ныхӕстӕ.

Уый бафтыдта, Дзӕуджыхъӕуы ерыстӕ ауадзыны дырыс ӕмгъуыд снысан кӕндзысты фӕстӕдӕр.