Ирон богал Плиты Хетæг рамбылдта турнир Extreme Challenge АИШ-ты

Раздæры хъæбысхæцæг Плиты Хетæджы бахъуыд 1,5 минутæй къаддæр, цæмæй фæсур кæна Брюс Миллеры фыццаг раунды
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Ӕмхæццæ æмтохæдты (MMA) спортсмен Плиты Хетæг рамбылдта йæ ныхмæлæууæг Брюс Миллеримæ фембæлд турнир Extreme Challenge-ы. Ерыстæ цыдысты штат Айовайы, АИШ-ты. Уый тыххæй хъусын кæны 15 регион.

"Ирон спортсмены ныхмæлæууæг уыд америкæйаг файтер Брюс Миллер", – фыссы официалон фарс, кæцы йæ хъус дары Ӕмхæццæ æмтохæдты спортмæ.

Плиты Хетæг йæ фембæлд рамбылдта æмгъуыдæй раздæр, йæ ныхмæлæууæгыл уый фæтых ис фыццаг раунды хурхгæнæн приемæй.