Хуссар Ирыстоны ссӕрибар кодтой карантинӕй адӕмы иууылдӕр - Югосетпотребнадзор

Хуссар Ирыстоны майӕ фӕстӕмӕ ис ӕнӕмӕнг карантин ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ фӕстӕмӕ здӕхынц Уӕрӕсейӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны нал баззад карантины адӕм, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна. Уый банысан кодта, тесттӕ сарӕзтой фӕстаг авд ӕмбӕстӕгӕн, кӕцтӕ уыдысты карантины.

"Ӕппӕт тесттӕ дӕр равдыстой ӕппӕрццаг хатдзӕг ӕмӕ сӕ ауагътам хӕдзӕрттӕм", - загъта медик.
Михаил Мишустин бафыста барамынд Хуссар Иримӕ арӕн бакӕныны фӕдыл

Эпидемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц уыд 90 адӕймаджы. Дыццӕджы ӕхсӕв Хуссар Ирыстоны хицауады барамындӕй Уӕрӕсеимӕ арӕныл ист ӕрцыдысты ӕппӕт тобӕтӕ, уыимӕ иумӕ ивд ӕрцыд ӕнӕмӕнг карантин.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 29 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 925 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.