Цхинвалы рабӕрӕг кодтой Хъахъхъӕнынады министрады иууыл тыхджындӕр футболон командӕ

Хъӕзтытӕ уагъд цыдысты августы ӕмбисӕй Цхинвалы спортивон объекттӕй сӕ иуы. Ерысты хайад райстой фараст командӕйы, сӕ нымӕцы Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайы хъомылгӕнинӕгты командӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Мотоӕхсӕн батальоны командӕ ссис мини-футболӕй турниры уӕлахиздзау Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайӕдты командӕты хсӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд турнир футболӕй Республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн

Спортивон мадзал уыд нывонд республикӕйы сӕвзӕрды 30-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕмӕ уагъд цыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы барамындмӕ гӕсгӕ. Хъӕзтытӕ уагъд цыдысты августы ӕмбисӕй Цхинвалы спортивон объекттӕй сӕ иуы. Ерысты хайад райстой фараст командӕйы, сӕ нымӕцы Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайы хъомылгӕнинӕгты командӕ.

"Мотоӕхсӕн батальоны командӕ фӕуӕлахиз ахуырадон ротӕйы командӕйыл, кӕцы райста дыккаг бынат. Ӕртыккаг бынат бацахста уагдоны хайады командӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕлахиздзау командӕты схорзӕхджын кодтой кубоктӕ ӕмӕ кады грамотатӕй.