Хуссар Иры Дзауы район хоны Бежанты Зелимханы номарӕн турнирмӕ футболӕй

Ерыстӕ цӕуынц дыккаг хатт, ивгъуыд аз спортивон мадзалы триумфатор ссис республикон футболон скъолайы командӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы район хоны сывӕллӕтты командӕты футболы турнирмӕ. Ерыстӕ нывонд сты Советон цӕдисы уӕззау атлетикӕйӕ спорты мастер, Хуссар Ирыстоны физикон культурӕйы сгуыхт кусӕг, футболы тренер Бежанты Зелимханы номарынӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik районы спорты хайады хистӕр Джиоты Алик.

Ерыстӕ цӕуынц дыккаг хатт, ивгъуыд аз спортивон мадзалы триумфатор ссис республикон футболон скъолайы командӕ.

"Кӕд нӕ коронавирус нӕ бахъыгдара, уӕд йӕ уадзӕм 29 сентябрӕй ӕртыккӕгӕм октябрьмӕ. Хонӕм ӕппӕт республикӕйӕ скъолайы кары командӕты",- загъта Джиоты Алик.
Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд ӕрвылазон турнир футболӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕтӕй куырдиаттӕ ист цӕудзысты 25 сентябрьмӕ.

Ивгъуыд аз ерысты архайдтой 13 командӕйы.

Бежанты Зелимхан йӕ цардӕй ахицӕн ис аварийы фӕстиуӕгӕн Транскамыл ивгъуыд аз. Уыд уӕззау атлетикӕйӕ Советон цӕдисы спорты мастер, йӕ спортивон карьерӕйы фӕуды фӕстӕ каст фӕцис Тбилисы тренерон скъола, уый фӕстӕ куыста Дзауы районы футболы тренерӕй.