Æрвыл дыццæг Аивадон фæз "Портал"-ы дуæрттæ сты гом – Джиоты Къоста
© Sputnik
Аивадон фæз "Потал"-ы уагъд æрцыд фыццаг мадзал. Джиоты Къостайы ныхæстæм гæсгæ, кæд нæма бынтон цæттæ нæу бæстыхай, уæддæр фæсивæд уым æртымбыл вæййынц, æмæ æрвитынц сæ рæстæг.
"Къостайы цырты цур ауагътам хъазт-изæр, фæлæ дзы адæм уыд цъус, уый фæстæ æрæмбырд стæм Порталы, хъуыстам зарджытæм, æмæ аскуыддзаг кодтам æрвыл дыццæг æмбырд кæнын", - загъта Къоста.
Джиоты Къоста куыд радзырдта, уымæ гæсгæ бæстыхайы нæма ис бирæ аразинæгтæ, фæлæ уыдоныл сабыргай кусдзысты.
"Нæ зæрдыл ис ацы аз ауадзын тематикон мадзæлттæ дæр, равдыстытæ æмæ сæрмагонд концерттæ", - банысан кодта Порталы къухдариуæггæнæг.
Къоста бахатыд фæсивæдмæ, кæд искæй фæнды исты сæрмагонд мадзал ауадзын, уæд аивадон фæзы дуæрттæ кæй сты гом ахæм проекттæн.