Дзауы районы Хъорсеуы хъӕумӕ цалцӕг кӕнынц фӕндаг

Афтӕ ма цалцӕг кӕнынц фӕндаг, кӕцы цӕуы Хъорсеуы Дзуармӕ. Ныртӕккӕ фӕндӕгтӕ уӕрӕх кӕнынц, фӕстӕдӕр дзы ныккалдзысты хуыр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Дзауы районы Хъорсеуы хъӕумӕ фӕндаг нӕ цалцӕг кодтой цалдӕр азы. Ныридӕгӕн цалдӕр боны Дзауы районы Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) кусджытӕ цалцӕг кӕнынц фӕндаг. Уыдон уӕрӕх кӕнынц фӕндаг ӕмӕ дзы калынц хуыр, фехъусын кодтой Sputnik Дзауы районы администрацийы пресс-службӕйы.

Дзауы районы Хъорсеуы хъӕумӕ цалцӕг кӕнынц фӕндаг

Дзауы районы ЦКХ хистӕр Цхуырбаты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалцӕг кӕнынц Хъорсеуы Дзуармӕ фӕндаг дӕр, кӕцы ис кӕлӕтдзаг уавӕры.

Амӕй размӕ Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей радзырдта районы фӕндӕгты цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй.