Ирон музыкалон инструменттæ сæндидзын кæнын: фæсивæды минæвæртты хъуыды

Музыканттæ Гаглойты Алан æмæ Кокойты Аннæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры ирон музыкалон инструментты сæндидзыныл
Sputnik

Цхинвалы фæсивæды æхсæн фæзынд музакантты къорд, кæцытæ архайынц цæгъдын ирон музыкалон инструменттыл. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ зæрдыл ис адарддæр кæнын уыцы традици, цæмæй рæзгæ фæлтæр зона цæгъдын.

"Бынтон æрæджы фæзынд нæ къорд, ном дæр йын нæма нæ æрымысыдыстæм, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ æнувыдæй архайæм", - зæгъынц æвзонг музыканттæ.