Парти "Иугонд Ирыстон"-ы депутат фехъусын кодта фракцийӕ рахизыны тыххӕй

Ӕртыккаг ӕвзарӕн зылдӕй депутат банысан кодта, дарддӕр кӕй кусдзӕн парламенты ӕмӕ нӕ нывӕнды бахизын никӕцы парламентон фракцимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Мулдарты Гарри фехъусын кодта парти "Игонд Ирыстоны"-ы фракцийӕ кӕй рахызт, уый тыххӕй. Депутаты куырдиаты текст ныммыхуыр кодтой закондӕттӕг органы официалон сайтыл.

Цæй тыххæй? Хуссар Иры президент сдзуапп кодта генпрокуроры отставкæйы тыххæй

Мулдарты Гарри куыд банысан кодта, афтӕмӕй йӕ скъуыддзаджы аххоссаг уыд уый, ӕмӕ нӕ сӕххӕст кодтой Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты фылдӕр хайы домӕн генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отставкӕйы фӕдыл.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Дзӕгъиаты Уырызмӕг РХИ генералон прокуроры бынаты куы куса, уӕд уый хъыгдардзӕн объективон фӕдагуырд Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, афтӕ ма ӕххӕст нӕ цӕудзысты нӕ паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнады законон интерестӕ", – фехъусын кодта депутат.

Ӕртыккаг ӕвзарӕн зылдӕй депутат бафтыдта, зӕгъгӕ, дарддӕр кусдзӕн парламенты ӕмӕ нӕ нывӕнды бахизын никӕцы парламентон фракцимӕ.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ. Фæстæдæр уагдон фехъусын кодта, ацы хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæм - криминалон милицийы аст кусæджы - рæстæгмæ æрцахстой.