Æрвылаз 19 сентябры нæ республикæ нысан кæны паддзахадон тырысайы бон. Дзиццойты Юрийы куыд радзырдта, уымæ гæсгæ паддзахадон тырыса фæзынд фыццаг Хуссар Ирыстоны 1989 азы, фæлæ уый фæстæ ссис æппæтирон.
"Мах ног дугæн дзуапп чи хъуамæ радтаид, ахæм тырысайыл куы райдыдтам кусын, уæд историмæ аздæхтам нæ хъусдард. Индоевропæйаг адæмтæн сæ фылдæр хаймæ ис хуызты символикæ", - загъта Дзиццойты Юрий.
Юрийы ныхæстæм гæсгæ, индоевропайаг адæмтæн сæ фылдæр хайæн урс хуыз амоны – зонды куыст чи кодта уый, сырх та, йæ хъаруйæ чи куыста, уыдон хуыз.
"Мах, куыд индоевропæйаг адæмæн йæ иу къабаз, афтæ уыцы символикæ йæ фæд ныууагъта нæ историйы. Тырысайы хуыз æвзаргæйæ дискусситæ цыд æрмæстдæр æртыккаг хуыз æвзарыны рæстæджы, æмæ бур хуызыл аскъуыддзаг", - банысан кодта Юрий.
Дзиццойты Юрий бафиппайдта, хуызон сиволикæ нарты кадджыты дæр кæй ныууагъта йæ фæд, зæгъæм, Алæгатæн сæ хæдзар уыд урс, Æхсæртæггатæн та сæ дарæсы уыд сырх хуыз, æртыккаг социалон стратæ сты Борæтæ, уыдон ма фæхонынц Буртæ дæр. Ацы æртæ символикон нысаниуæджы ссисты вазыгджын аргумент тырысайы хуызтæ æвзарыны рæстæджы.