Иумӕйаг проекттӕ: Иры дыууæ хайы Ӕхсæнадон палатæтæ сфидар кодтой бадзырд

Бадзырд фидар ӕрцыд ӕхсӕнадон палатӕты сӕргълӕуджытӕ Куыдзеты Сергей ӕмӕ Чиплакова Иринайы къухфысттӕй 22 сентябры Дзӕуджыхъӕуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон палатӕтӕ бафыстой ӕмгуыстады бадзырд. Суагъӕйы фӕлгӕтты дыууӕ республикӕйы уагдӕттӕ ӕххӕст кӕндзысты иумӕйаг проекттӕ, цайадагъ кӕндзысты кӕрӕдзи фӕлтӕрддзинадыл, фехъусын кодта Sputnik баиугонды разамонӕг Куыдзеты Сергей.

Хуссар Иры парламент сратификаци кодта Луганскимӕ бадзырд уӕлвӕткон цауты фӕдыл

"Уый у нӕ фыццаг ӕмгуыстады бадзырд цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ. Документы фӕлгӕтты ӕххӕст цӕудзысты иумӕйаг проекттӕ, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм, стӕй ма исдзыстӕм уыдон фӕлтӕрддзинад. Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон палатӕ фӕзынд ӕрмӕст 2009 азы кӕрон, уыдон та сты фӕлтӕрддӕр", - загъта ӕхсӕнадон палатӕйы хистӕр.

Куыдзеты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕзты ма ис ӕнгӕс документтӕ сфидар кӕнын ӕндӕр хӕларадон республикӕтимӕ дӕр.

"Фӕстӕдӕр ахӕм суагъӕтӕ фӕнд кӕнӕм сфидар кӕнын Кӕсӕг-Балхъар, Абхазимӕ ӕмӕ дарддӕр кӕндзыстӕм ацы куыст", - бафтыдта уый.

Бадзырд фидар ӕрцыд ӕхсӕнадон палатӕты сӕргълӕууджытӕ Куыдзеты Сергей ӕмӕ Чиплакова Иринайы къухфысттӕй 22 сентябры Дзӕуджыхъӕуы.