Паддзахадон универститеты иууыл популярондæр факульететтæ, куыд æрвылаз, афтæ ацы аз дæр сты юридикон æмæ экономикон факультеттæ. Ирон филологийы декан Тыбылты Инга куыд загъта, уымæ гæсгæ уый баст у дарддæры перспективæтимæ.
"Ахæм дуг æрлæууыд, æмæ професи æвзарыны рæстæджы хъуыды кæнынц æхцайы фæрæзтæ фылдæр кæм ис, уый равзарой", - загъта Инга.
Ингайы ныхæстæм гæсгæ, ирон филологийы деканаты кусджытæ архайынц, цæмæй факультет суа приоритетон.
"Æрмæст Плиты Гацыр кæуылты ахуыргæнæг у, фольклор иттæг хорз зоны, æмæ йæм студенттæ цымыдисæй фæхъусынц. Афтæ ма Битарты Зоя, Дзиццойты Юрий, иууылдæр сты ирон æвзаджы дæснытæ", - банысан кодта декан.
Тыбылты Инга куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ ирон филологийы факультеты рауагъдонтæн сæ бон у кусын цалдæр здæхты.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.