Гасситы Сослан стох кæндзæн Уæрæсейы кубокы ерысты армспортæй

Гасситы Сослан хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер æрыгæтты хсæн. Хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты рæнхъыты дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр архайгæ æрмхæцæг Гасситы Сослан хайад райсдзæн Уæрæсейы кубокы ерысты. Ирон спортсмен тох кæндзæн ног уæзы категорийы, загъта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

"Сызгъæрин мæ хъæуы": Гасситы Сослан цæттæ кæны армхæстæй дунейы чемпионатмæ

Ерыстæ цæудзысты 25-29 сентябры Севастополы.

"Гасситы Сослан ахызт иууыл стырдæр уæзы категоримæ – тох кæндзæн 110 килограммы. Хорз цæттæ у, архайы Цæгат Ирыстоны командæйы сконды. Уый иунæгæй хъахъхъæндзæн Хуссар Иры спортивон кад ацы турниры", - загъта Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг, хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер æрыгæтты хсæн. Хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты рæнхъыты дæр.