Коронавирусы ныхмæ тохгæнæг медиктæн Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты цырт

Цырт фæзындзæн Барбашов æмæ Леваневскийы уынгты тигъыл, йæ бындур æвæрд æрцыд ацы аз июны мæйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. COVID-19-ы ныхмæ тохгæнæг медицинон кусджытæн цырты хуыздæр проекты авторыл нымад æрцыд Тыбылты Ибрагим, хъусын кæны НТК "Осетия-Ирыстон".

Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, уый эскизтыл куыста иу мæйы бæрц. ныр та мвæстиатæй фæнд кæны æрæвналын цыртæн йæхи арæзтадмæ.

Конкурсы инициатор уыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Хайад дзы райстой 17 адæймаджы. Мадзалы хæс уыд канд скульптурон композици бацæттæ кæнын нæ, фæлæ ма бакусын цырты алфæмблай территорийы хæрзарæзтадыл дæр.

Цырт фæзындзæн Барбашов æмæ Леваневскийы уынгты тигъыл, йæ бындур æвæрд æрцыд ацы аз июны мæйы.