Ирыстоны дзюдоисттӕ ӕнтыстджынӕй ралӕууыдысты ЦКФЗ чемпионаты

Спортсментӕ цӕгат Ирыстонӕй рамбылдтой 19 хорзӕхы чемпионаты Грозныйы, уыдонӕй авд сты сыгъзӕрин майдантӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ дзюдойӕ ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Кавказы фӕдералон зылды (ЦКФЗ) чемпионаты Грозныйы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады пресс-службӕ.

Гасситы Сослан стох кæндзæн Уæрæсейы кубокы ерысты армспортæй

Ирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой авд сыгъзӕрин, авд ӕвзист ӕмӕ фондз бронзӕйон майданы.

Кады пьедесталы фыццаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Толасты Арсен (66 кг), Гаглойты Эллина (52 кг), Гӕджиты Кристина (57 кг), Гӕджиты Алина (63 кг), Дзугутты Ирэна (70 кг), Хъуппеты Дзерассӕ (78 кг), Ӕлборты Алана (78+ кг).

Ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Икъоты Сослан (100 кг), Дзуццаты Александр ( 100 +кг), Лазарты Алана (48 кг), Бететы Бэла (52 кг), Цырыхаты Дана (57 кг, Калаты Марина (63 кг), Елхъанты Яна (70 кг).

Бронзӕйон майданты хицӕуттӕ баисты Армен Тадевосян (66 кг), Татьяна Савицкая (48 кг), Гӕбӕраты Софья (52 кг), Балаты Дина 57 кг), Къӕбысты Радмила (70 кг).