ХИПУ студенттӕ Республикӕйы бон банысан кодтой лидзынӕй ерыстӕй

Ерыстӕ цыдысты 800 метры дистанцийыл. Организатортӕй иу Дзабиты Роланды ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы ӕдӕппӕтӕй хайад райстой 150 студенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты Республикӕйы боны цытӕн студентон ерысты уӕлахиздзаутӕ лидзынӕй.

ХИПУ студенттӕ Республикӕйы бон банысан кодтой лидзынӕй ерыстӕй

Мадзал ацыд Цхинвалы Октябры уынгыл. Фыццаг бынат лӕппуты хсӕн бацахста Мӕргъиты Арсен.

"Ӕрвылбон дӕр лидзын горӕты цады алыварс, науӕд та стадионы. Архайын фидар физикон формӕйы уӕвын. Ерыс кӕнын дӕр фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ", - загъта Мӕргъиты Арсен.

Чызджытӕй та иууыл ӕнтыстджындӕр разынд Гӕбӕраты Мария. Дыккаг призер Джиголаты Аланӕйы дӕр ма чысыл хъуыд уӕлахизмӕ.

"Ӕхсӕз аз цыдтӕн рог атлетикӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ мын дистанци алидзын ӕнцон уыд. Фӕлӕ ма мӕ ӕнтыстмӕ чысыл хъуыд", - загъта Sputnik призер.

ХИПУ студенттӕ Республикӕйы бон банысан кодтой лидзынӕй ерыстӕй

Ерыстӕ цыдысты 800 метры дистанцийыл. Организатортӕй иу Дзабиты Роланды ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалы ӕдӕппӕтӕй хайад райстой 150 студенты.