Цӕгат Иры коронавирус ахаста ноджы иу адӕймаджы цард

Нӕлгоймаг ма тыхст зӕрдӕйы ӕмӕ уыргты уӕззау низтӕй, туджы бӕрзонд ӕлхъывдадӕй, уыд тынг уӕззау уавӕры. Пациенты баиу кодтой уӕрджыты вентиляцийы аппаратмӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр дохтырты бон нӕ бацис аирвӕзын кӕнын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг ног коронавирусы инфекциимӕ амард рынчындоны, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры фæзынд фыццаг рынчын коронавирусæй арæны баконды фæстæ

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй 1968 азы гуырд нӕлгоймаг бахауд рынчындонмӕ ног коронавирусы диагнозимӕ. Уый ма тыхст зӕрдӕйы ӕмӕ уыргты уӕззау низтӕй, туджы бӕрзонд ӕлхъывдадӕй. Уыд тынг уӕззау уавӕры. Пациенты баиу кодтой уӕрджыты вентиляцийы аппаратмӕ, фӕлӕ йӕ уӕддӕр дохтырты бон нӕ бацис аирвӕзын кӕнын. Нӕлгоймаг амард майрӕмбоны", - хъусын кӕны пресс-службӕ.

Цӕгат Ирыстоны ӕдӕппӕт коронавирусон инфекцийӕ амардысты 69 адӕймаджы.