Ӕвзонг теннисисткӕ Цхинвалӕй рамбылдта бронзӕ Подмосковьейы турниры

Плиты Алана уыд турниры иууыл кӕстӕрдӕр хайадисӕг, фӕлӕ уӕддӕр рамбылдта бронзӕйон майдан. Афтӕ ма ӕвзонг спортсменкӕйы банымадтой турниры иууыл перспективондӕр спортсменкӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Ӕвзонг теннисисткӕ Хуссар Ирыстонӕй Плиты Алана схызт кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ Подмосковьейы турниры, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Дунейы дыууӕ хатты чемпионкӕ Зоя Рудневайы мысӕнӕн турниры горӕт Втдноейы тох котой спортсментӕ Мӕскуы, Мӕскуыйы область, Тверь, Калуга, Рязань, Ярославль, Воронеж ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕттӕ ӕмӕ регионтӕй.

Ӕвзонг теннисисткӕ Цхинвалӕй рамбылдта бронзӕ Подмосковьейы турниры

"Фарастаздзыд Плиты Алана рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты Мӕскуы, Мӕскуыйы область ӕмӕ Калугайӕ 3:0, 3:1 ӕмӕ 3:2 хыгъдӕй ӕмӕ бацахста дыккаг бынат ӕвзарӕн этапы. Фӕлӕ уый фӕстӕ ирон спортсменкӕ фембылд 2:3 хыгъдӕй турниры фидӕны уӕлахиздзау Олеся Усовайӕн, кӕцы дзы уыд дыууӕ азы хистӕрдӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Плиты Алана уыд турниры иууыл кӕстӕрдӕр хайадисӕг, фӕлӕ уӕддӕр рамбылдта бронзӕйон майдан. Афтӕ ма ӕвзонг спортсменкӕйы банымадтой турниры иууыл перспективондӕр спортсменкӕйыл.