ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" дæргъвæтин фæстиаты фæстæ ратдзæн концерттæ Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik ансамблы директор Гаглойты Кристина.
Уый банысан кодта, сфæлдыстадон къорды ралæудтæ кæй ацæудзысты столицæйы 24 æмæ 25 декабры.
"Сæйраг кафты коллективы ног сконд бавдисдзæн ирон аивады уарзджытæн ног нывæзт. Концертон нывæзты ис 19 номыры. Коллективы раз цы зындзинæдтæ ис, уыдон баст уыдысты карантинимæ. Артисттæн хуыд цæуынц костюмтæ фæсарæнты æмæ сын ныр фадат фæцис ныццæуын æмæ сæ фенын", - загъта директор.
Ансамбль, Гаглойты Кристинæйы ныхæстæм гæсгæ, активонæй йæхи цæттæ кæны ног скондæй кæсæджы раз фыццаг фæлварæнмæ.
"Бон фондз сахаты бæрц цæуынц репетицитæ. Концертон нывæзты ис Кавказы адæмты кафтытæ. Алы номыры дæр архайдзæн 12 æмæ уымæй фылдæр къайы. Се ʻхсæн ис артисттæ, кæцытæ стыр сценæмæ хизынц фыццаг хатт", - бафтыдта Гаглойты Кристина.
Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ивгъуыд аз фехъусын кодта реорганизацийы тыххæй. Уый фæлгæтты коллектив ногæй иста кафджыты, ивта хор æмæ оркестры сконд. Фæстæдæр къордæн фæзынд ног аивадон къухдариуæггæнæг дæр.