Хуссар Иры ивгъуыд къуырийы авариты бахъыгдард сты ӕртӕ адӕймаджы

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ радзырдтой ивгъуыд къуырийы республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы ӕрцыд ӕрӕ фӕндагон-транспортон цауы, уыдон фӕстиуӕгӕн ӕртӕ адӕймаджы бахаудтой республикӕйы бирӕпрофилон медцентрмӕ алыгъуызон цӕфтимӕ. Уый тыххӕй къуырисӕры хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Фыдракӕндтӕ ӕмӕ нозтджын шофыртӕ: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл 21-28 сентябры ӕдӕппӕт банысан кодтой фӕндагон змӕлды 187 фӕткхӕлды. Се хсӕн разынд аст шофыры, кӕцытӕ хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой нозтджынӕй.

Ивгъуыд къуыри барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ нӕ рабӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ, ӕрмӕст иу адӕймаджы ӕрурӕдта Цхинвалы районы милици ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй.