Цӕгат Иры Роспотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 5785 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4964 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 69 амардысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 35 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 5785, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

"Югосетпотребнадзор" арæны баконды фæстæ сног кодта радгæсон линийы куыст

- 728 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 24 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4964 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 69 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 33 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 995 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.