Аргъæвтой, фæлæ рæстæгмæ: "Остелеком" нырма нæ фæфылдæр кæндзæн тарифты æргътæ

Компанийы тарифон политикæйы ивындзинæдтæ сæ тыхы хъуамæ бацыдаиккой 5 октябры, архивон тарифты лæггæдты аргъ фæфылдæр уыдаид дыууæ хаттæй фылдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны мобилон бастдзинады иунæг оператор аскъуыддзаг кодта аргъæвын архивон тарифты лæггæдты æргъты фæфылдæр, кæцыйы тыххæй æрæджы фехъусын кодта компани. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, "Мегафон" уынаффæ кæны абоненттæн ныридæгæн райдайын æвзарын фидæны тарифон план.

Хуссар Иры депутаттӕ домынц "Мегафон"-ӕй ног тарифтӕ сабитӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕн

Ивгъуыд къуырийы компани фехъусын кодта, тарифтæн "Отличный", "Южный", "Универсальный" æмæ "Универсальный VIP", кæцытæ нымад цæуынц архивонтыл, кæй фæфылдæр уыдзысты сæ лæггæдты æргътæ. Компанийы тарифон политикæйы ивындзинæдтæ сæ тыхы хъуамæ бацыдаиккой 5 октябры, архивон тарифты лæггæдты аргъ фæфылдæр уыдаид дыууæ хаттæй фылдæр.

Чырон операторы æхсæнад уайтагъддæр фæкодта критикæйы бын. Кæцыдæр æмбæстæгтæ æгæрыстæмæй æнхъардтой æрæмбырд кæнын инициативон къорд æмæ тæрхондонмæ бадæттын монополистыл.

Дыццæджы æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл специалист Бежанты Зæринæ фехъусын кодта, æргъты фæфылдæр кæй аргъæвтой цавæрдæр рæстæгмæ.

"Дæс азæй фылдæры размæ арæзт тарифтæн "Отличный", "Южный", "Универсальный" æмæ "Универсальный VIP" æргътæ сæвæрдæуыд æндæр экономикон уавæрты, ныр та уыдон ахызтысты архивонты категоримæ. Уыдон мобилон оператор систа базарадæй æмæ æрцæудзысты æхгæд", - радзырдта компанийы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд ныртæккæ ацы тарифон планты æргъты фæфылдæр аргъæфтой, уæддæр уый фæстæдæр уыдзæн æнæмæнгæй. Уымæ гæсгæ, уынаффæ кæнынц абоненттæн ныридæгæн райдайын æвзарын фидæны тарифон план.