Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ФХМ сӕргълӕуджытӕ сфидар кодтой консультациты нывӕзт дыууӕ азмӕ

Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕрцыд Абхазмӕ кусӕгон балцы, кӕцыйы рӕстӕджы фембӕлд республикӕйы президент ӕмӕ ФХМ сӕргълӕууӕгимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Медойты Дмитрий ӕмӕ йӕ абхазаг коллегӕ Даур Кове бафыстой консультациты нывӕзт республикӕйы уагдӕтты хсӕн 2021-2022 азтӕм. Документ бафыстой Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕдты (ФХМ) сӕргълӕуджыты фембӕлды рӕстӕджы Сухумы къуырисӕры, хъусын кӕны РХИ ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

"Баныхасы рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады ныры уавӕр ӕмӕ райрӕзты преспективӕтыл, загътой сӕ хъуыды актуалон проблемӕты фӕдыл, сӕ нымӕцы Хӕххон Карабахы конфликт", - банысан кодтой ФХМ.

Уымӕй дарддӕр, кусӕгон балцы рӕстӕджы Медойты Дмитрийы райста республикӕйы президент Аслан Бжания. "Фарсытӕ ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хсӕн ӕмгуыстады фарстытыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.