Абхаз рамбылдта хӕсты ӕмӕ равдыста йӕ паддзахады разагъддзинад – Бибылты Анатолий

Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта йӕ абхазаг коллегӕйӕн националон бӕрӕгбон – Абхазы Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады боны фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий барвыста арфӕйы тел Абхазы сӕргълӕууӕг Аслан Бжаниямӕ республикӕйы Уӕлахиз ӕмӕ Хӕдбардзинады боны фӕдыл. Хуссарирыстойнаг лидер банысан кодта, 27 азы размӕ Абхазы адӕм кӕй рамбылдтой ӕмӕ фенын кодтой дунейӕн абхазаг паддзахады разагъддзинад ӕмӕ тых.

"Фыдыбӕстӕйон хӕст 1992-1993 азты уыд уӕззау фӕлварӕн абхазаг адӕмӕн. Гуырдзыстон сӕххӕст кодта егъау агресси Абхазы ныхмӕ, фӕлӕ знӕгтӕ не ‘мбӕрстой, абхазӕгтӕ кӕй хъахъхъӕнынц сӕ райгуырӕн зӕхх, сӕ бинонты, сӕ фидӕн ӕмӕ сӕ афтӕмӕй рамбулӕн нӕй", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Бибылты Анатолий банысан кодта бархион ӕфсӕдты хъайтардзинад дӕр, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цӕгат Кавказы республикӕтӕй.

"Абхазы адӕмы хъайтардзинады фарс балӕууыдысты бархион ӕфсӕдтӕ цӕгаткавказаг республикӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Сӕ фарсмӕ знагимӕ тох кодтой Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕ дӕр. Мах алыхатт дӕр хъуыды кӕндзыстӕм сӕ хъӕбатырдзинад, кӕцы уыдон равдыстой Абхазы хӕдбардзинадыл тохы", - бафтыдта президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Абхаз абоны бон кӕй кӕй цӕуы хӕдбар паддзахады прогрессивон райрӕзты фӕндагыл ӕмӕ фидар кӕны йе ‘хсӕнадӕмон авторитет.

Абхазы 30 сентябры нысан кӕнынц Уӕлахиз ӕмӕ хӕдбардзинады бон. Ацы бон 27 азы размӕ абхазаг ӕфсӕдтӕ рахызтысты Ингуры донмӕ, Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕнмӕ ӕмӕ сӕвӕрдтой хидыл абхазаг тырыса. Афтӕмӕй фӕцис Абхазы адӕмы Фыдыбӕстӕйон хӕст. Гуырдзиаг-абхазаг хӕст цыд 413 боны, конфликты рӕстӕджы фӕмард сты 3,5 мин адӕймаджы.