Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой ноджы фондз адӕймагӕн

Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой дӕс рынчыны коронавирусӕй. Иумӕйагӕй пандемийы рӕстӕджы COVID-19-ӕй фӕрынчын сты сӕдӕ адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фондз рынчыны, уыдоны тесттӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, знон Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 23 басгӕрсты.

"Дыууӕ рынчыны схуыссын кодтой рынчындоны, ӕртӕйӕ та цӕудзысты амбулаторон хоскӕнынад", - загъта Коцты Марина.

Амæйразмӕ коронавирус рабӕрӕг кодтой Коцты Марина ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Гаглойты Аннайӕн дӕр. Уый фӕдыл санитарон уагдон кусы сӕрмагонд режимы, медицинон басгӕрст ӕрурӕдтой, тестты фӕстиуджытӕ та дӕттынц ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕст гӕнгӕйӕ.