Цхинвалы скъоладзауты хонынц "Ӕвзонг скалолаз"-ты къордмæ

Къордмӕ ист цӕуынц скъоладзаутӕ, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц ӕстӕм ӕмӕ фарастӕм кълӕсты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ӕрыгон натуралистты станцы бындурыл бакодтой къӕдзӕхыл бырыны кружок "Ӕвзонг скалолаз". Къордмӕ ист цӕуынц ӕстӕм ӕмӕ фарастӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ, фехъусын кодта Sputnik станцы хистӕр Мӕргъиты Ирбег.

"Инструкторӕй дзы кусы Хъуылымбегты Зарада, ныридӕгӕн йӕ дӕлбар ис иу къорд, фӕлӕ уыдонӕн сӕ ахуыр у туризммӕ здӕхт. Ног къорды та ахуыры нывӕзты 70 процент сты скалодромы", - загъта Мӕргъиты Ирбег.
Æвзонг техникты станц куыд фидæны специалистты гуырæн Цхинвалы

Йӕ ныхӕстӕм, кӕд кружок адӕмы хсӕн разына популярон, уӕд ӕй ноджы райтынг кӕндзысты.

"Ахуыртӕ фидар кӕнынц сывӕллӕтты физикон цӕттӕдзинад ӕмӕ райтынг кӕнынц сӕ хъуыдыкӕнынад.
Къӕдзӕхыл бырын Уӕрӕсейы бирӕ скъолаты цӕуынц предметы хуызы. Кружок уал у нӕ фыццаг фӕлварӕн",- бафтыдта уый.

"Ӕвзонг скалолаз"-ы ахуыртӕ цӕудзӕн къуыри дыууӕ хатты.