Хуссар Иры хæххон ком Сæридтатæм аразынц фæндаг

Сæридтаты комы ивгъуыд æнусы цард 14 хъæуы, ныр ам æрфысым сты хъæддаг сырдтæ. Ӕрмæст ма Дауджыты кувæн къуырийы æдзæрæг хъæутæм æрæмбырд вæййынц Багаты мыггаджы минæвæрттæ Ирыстоны цæгатæй æмæ хуссарæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Сӕридтаты хъӕумӕ арӕзт цӕуы фӕндаг, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Мыггаджы зæд: Багатæ ногæй самадтой Хъугомы кувæндон

Сæридтаты комы ивгъуыд æнусы цард 14 хъæуы, ныр ам æрфысым сты хъæддаг сырдтæ. Ӕрмæст ма Дауджыты кувæн къуырийы æдзæрæг хъæутæм æрæмбырд вæййынц Багаты мыггаджы минæвæрттæ Ирыстоны цæгатæй æмæ хуссарæй.

"Хъӕу федзӕрӕг, фӕлӕ ацы комӕй рацӕугӕ адӕм здӕхынц сӕ фыды уӕзгуытӕм. Мыггӕгты минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд вӕййынц динон бӕрӕгбонты. Цалдӕр хатты бахатыдысты районы разамынадмӕ ӕмӕ ныр Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад бавнӕлдта фӕндагарӕзтадмӕ", - загъта Тедеты Лиана.

Ацы комæй рацæугæ Багаты Марат дæр радзырдта Sputnik, адæм хъæумæ фæстæмæ кæй здæхынц.

"Фæстаг цæрæг ацы ком ныууагъта ивгъуд æнусы (1999 азы). Уæдæй нырмæ ам цæрæг нал ис. Фæндаджы арæзтдæй нын ныфс куы радтой, уæд æртæ бинонтæ райдыдтой цæттæ кæнын бынат хæдзары арæзтадæн. Адæм здæхынц. Фæндаг куы балыг кæной, уæд та фæнд кæнæм бахатын рухсы хахх бауадзыны фæдыл "Энергоресурс" æмæ районы разамынадмæ", -  загъта Багаты Марат.

Хуссар Ирыстоны ма æрмæст ацы комы бахъахъхъæдтой ирон бæгæныйы рецепт æмæ йæ дзуары бонмæ æрвыл аз саразынц фыдæлты рецептмæ гæсгæ.

Хуссар Иры хæххон ком Сæридтатæм аразынц фæндаг