МХМ радта ХИПУ музейӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы винтовкӕ ӕмӕ пулемет

Университеты музейон комплекс баххӕст кодтой Мосины винтовкӕ ӕмӕ Дегтяревы пулеметӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) радта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты (ХИПУ) музейӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы хӕцӕнгарз, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

ХИПУ-йӕн радтой Мосины винтовкӕ ӕмӕ Дегтяревы пулемет "ДП-27", банысан кодтой МХМ.

Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб банысан кодта, МХМ дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн университеты музейӕн.

"Мидхъуыддӕгты министрад дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн университетӕн, цӕмӕй адӕм, кӕцытӕ ӕрбацӕуынц музеймӕ, феной фылдӕр цымыдисон экспонатттӕ. Ахӕм диссаджы музей куы бакодтат, уӕд сымах сӕххӕст кодтат уӕ бӕрнон хӕслӕвӕрд, ӕмӕ мах алыхатт дӕр ӕххуыс кӕндзыстӕм сымахӕн уӕ куысты", - загъта Пухаты Мераб.
МХМ радта ХИПУ музейӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы винтовкӕ ӕмӕ пулемет