Цхинвалы ахуыссын кодтой зынгсирвæзт, зианбаййафджытæ нæй - УУМ

Бæллæх аиуварс кæныныл архайдтой зынгфæдисонты æртæ къорды, ныридæгæн бæрæг цæуынц ссыгъды аххосæгтæ, банысан кодтой уæлвæткон уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Иры уæлвæткон министрады минæвæрттæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт Цхинвалы  Джиоты Аланы проспектыл - майрæмбоны райсомæй уым ссыгъд дукани. Бæллæххы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, фехъусын кодтой УУМ пресс-службæйы.

"Ссыгъд аиуварс кæныныл архайдтой зынгфæдисонты æртæ къорды,зианбаййафджытæ нæй", - загъта агентады дзырдæмбал.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн бæрæг цæуынц ссыгъды аххосæгтæ.