Цхинвалы сæндуцджытæ хонынц цæрджыты сæ тыллæджы бæрæгбонмæ

Сæнæфсиры тыллæг æмбырд кæныны бæрæгбон Цхинвалы цæуы ныр дыккаг аз. Мадзал адарддæр уыдзæн чысыл концерт æмæ ирон къæбицы аходæнтæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæндуцæн амалиуæгадтæ хоныц тыллæг æмбырд кæныны бæрæгбонмæ. Сæнæфсиры тыллæджы æмæ ивгъуыд азы сæны равдыст æмæ дегустаци ацæудзæн сабаты столицæйы Ногдзауты паркы, цхинвайлаг кафетæй иуы фæзуатыл.

"Хуссар Ирыстоны сæндуцæн амалиуæгадтæй цалдæр бавдисдзысты сæ ацы азы тыллæг, дегустаци цæудзæн сæ рауагъдадты ивгъуыд азы сæн. Уымæй дарддæр ма тыллæг æмбырд кæныны бæрæгбоны уыдзæн чысыл концерт æмæ ирон къæбицы аходæнтæ", - загъта Sputnik сæндуцджыты ассоциацийы сæрдар Гаглойты Алан.

Уый бафтыдта, ноябыры та Цхинвалы кæй ацæудзæн æвзонг сæны бæрæгбон, уый суыдзæн æртыккаг мадзал столицæйы.

Присаг сæндуцæг радзырдта, куыд аразы йæ "шампайнаг" сæн

Ӕвзонг сӕны бӕрӕгбон "Божоле-нуво" фӕзынд Францийы 20 ӕнусы. Нысан ӕй кӕнынц ноябры ӕртыккаг цыппӕрӕмы, бӕрӕгбоны номдзыд лозунг у "Ног божоле ӕрцыд".

Ирон адæм сæны куыст кæнынц раг замантæй, фæлæ рауагъдадон масштабмæ Хуссар Ирыстон хизы фæстаг æзты. Райдыдтой базарадон нормæтæм гæсгæ уадзын продукци, уыдонæй кæцыдæртæ сæн экспорт кæнынц фæсарæнтæм. Хуссар Ирыстоны уагъд базарадон маркæтæ азы райдайæны расгуыхтысты Уæрæсейы егъау ӕхсӕнадӕмон форум "Продэкспо"-йы.