Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар

Зынгсирвӕзт ӕрцыд Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Харебаты Исахъы уынджы алвӕндагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Харебаты Исахъы уынджы алвӕндаджы цур, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

"Зынгфӕдисонтӕ ӕрбацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ тох кӕнынц артимӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ нырма бӕрӕг не сты, нӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ зианбаййафджыты фӕдыл дӕр.

Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар