Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг ӕрцыд кусӕгон балцы Хуссар Ирмӕ

Дыууӕбонон кусӕгон балцы программӕйы ис фембӕлд президент Бибылты Анатолиимӕ, уазӕгдон "Ирыстон"-ы баконды хайадист, республикӕйы къухдариуӕгадимӕ ӕрныхас социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы делегацийы кусӕгон балц Хуссар Ирыстонмӕ экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Михаил Бабичы сӕргълӕудӕй райдыдта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Информацион-координацион центры (ИКЦ) бӕстыхай бабӕрӕг кӕнынӕй.

Уазджытӕ уым федтой лаборатори ӕмӕ базонгӕ сты криминалистон хыгъдтӕ ӕмӕ экспертизӕйы хайады куыстимӕ.

Балцы программӕйы ис фембӕлд президент Бибылты Анатолиимӕ, Инвестпрограммӕйы объекттӕ ӕмӕ МХМ Информацион-координацион центр бабӕрӕг кӕнын, афтӕ ма уазӕгдон "Ирыстон"-ы бӕрӕгбонон баконды хайадист.

Уымӕй дарддӕр, уӕрӕсейаг делегаци ауадздзӕн рабадт республикӕйы къухдариуӕгадимӕ дыууӕ бӕстӕйы социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстыты фӕдыл.

Михаил Бабич февралӕй фӕстӕмӕ йӕ хъус дары Цӕгат Кавказы социалон-экономикон райрӕзты фарстытӕм. Уый размӕ ацы хӕслӕвӕрдтӕ уыдысты Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрадӕн.