Бибылты Анатолий: Хуссар Иры ахуыргӕнджытимӕ баст у республикӕйы фидӕн

Хуссар Ирыстоны нысан кӕнынц ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ педагогон фӕллойады ветеранты профессионалон бӕрӕгбон, уый фӕдыл сын раарфӕ кодта республикӕйы президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнджыты дӕсниад ӕмӕ курдиат бӕрӕг кӕны рӕзгӕ фӕлтӕры арӕзтад, ӕмӕ уыимӕ иумӕ республикӕйы фидӕн дӕр, дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй ахуырад у иунӕг фӕндаг райрӕзтмӕ, ӕмӕ хорз ахуыргӕнджытӕ ӕххуыс кӕнынц сывӕллӕттӕн равзарын нысан сӕ фидӕны цардмӕ.

"Сымах сывӕллӕтты ӕрмӕст ахуыр нӕ кӕнут, фӕлӕ ма сӕ хъомыл дӕр кӕнут, цӕмӕй уой цӕсгомджын, кад кӕной кӕрӕдзийӕн ӕмӕ дзуапп дӕттой сӕ архӕйдтытӕн. Уӕ курдиат ӕмӕ дӕсниадимӕ баст у рӕзгӕ фӕлтӕры профессионалон арӕзтад. Стыр бузныг уын уӕ бӕрнон куысты тыххӕй", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕг фидарӕй загъта, ахуыргӕнджытӕ дарддӕр дӕр пайдаджын куыст кӕй кӕндзысты ӕмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ дӕтдзысты нӕ фӕсивӕдӕн.