Хуссар Иры рабæрæг кодтой ног рынчынты коронавирусæй

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн арæны бакондæй фæстæмæ республикæйы рабæрæг кодтой 16 рынчыны коронавирусæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ноджы дыууæ æмбæстагæн рабæрæг кодтой коронавирус, уыдонæн сæ тесттæ равдыстой æвæрццаг хатдзæг, фехъусын кодта сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой ноджы фондз адӕймагӕн

Ног рынчынтæ фæзындысты 15 сентябры Уæрæсеимæ арæн куы бакодтой, уый фæстæ. Уæдæй нырмæ рынчынты нымæц схызт 16 онг, цалдæр адæймаджы снæниз сты. Уыимæ иумæ ма рынчынтæн æрмæст се ʻмбис хос кодтой рынчындæтты.

"Ӕрæджы сарæзтам 36 иртæсты, уыдонæй дыууæйæн рабæрæг кодтой коронавирус. Иу дзы хос кæны хæдзары, иннæ – инфекцион хайады", - загъта Коцты Марина.

Амбулаторон уавæрты чи хос кæны, уыдонмæ дæр сæ хъус дарынц медиктæ.

"Алкæмæн хъахъхъæнджытæ нæ сæвæрдзыстæм. Фæлæ мæ уырны, адæм уавæр кæй æмбарынц æмæ æххæст кæныдзысты дохтырты амындтæ", - бафтыдта уый.

Уымæй размæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цоциты Алла фехъусын кодта, сывæллæтты рынчындон кæй цæттæ кæнынц коронавирусы апарахатмæ. Медуагдонæн йæ бон уыдзæн райсын 100 рынчыны.