ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой ноджы фондз адӕймагӕн, фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Республикӕйы ног рынчынты сбӕрӕг кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ 15 сентябры куы систой, уый фӕстӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 21 рынчыны, цалдӕр адӕймагӕн ныридӕгӕн схос кодтой. Фӕрынчынуӕвджыты ӕрдӕг хайы медиктӕ схуыссын кодтой рынчындоны, иннӕ хай та хоскӕнынад цӕуынц хӕдзарон уавӕрты.
"Знон ауагътам 31 басгӕрсты, фондз адӕймагӕн сбӕрӕг кодтой коронавирус", - загъта Коцты Марина.
Амӕй размӕ республикон рынчындоны сӕйраг дохтыр Быценты Индира фехъусын кодта Sputnik, Хуссар Ирыстоны медцентры территорийыл кӕй бакодтой маскӕты режим.
Афтӕ ма республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындон цӕттӕ кӕнынц коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн. Медуагдонæн йæ бон уыдзæн райсын 100 рынчыны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 111 фӕрынчынуӕвӕджы.