Цӕгат Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 38 ног рынчыны

Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6142 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5259 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 38 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 6142, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Маскӕты режим ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕззау рынчынтӕ: куыд кусы ныр Цхинвалы медцентр

- 799 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 14 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5259 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 36 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.